ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Ӕнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ социалон рæзты министрад хъусын кæны 19 сæрибар бынаты тыххæй квалификациджын специалисттæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Уымæй размæ министрад фехъусын кодта 150 бынаты тыххæй. Уæд министрады разамынад æрисидт бынæттон специалисттæм, кæцытæ раздæр ацыдысты республикæйæ, сæхицæн куыстбынæттæ кæй не ʻссардтой, уый аххосæй.
Сæ официалон фарсыл Facebook-ы номхыгъды ис куыд техникон бынæттæ, афтæ дохтырты æмæ административон кусджыты бынæттæ.
"Ӕппæт инструкцитæ анкеттæ æмæ резюметæ радтыны фæдыл бæрæг кæнут раздæры хъусинæгты нæ официалон фарстыл Facebook, Telegram, Instagram", - загътой пресс-службæйы.
Сæрибар бынæтты тыххæй информаци ног кæндзæн.