Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы

© Photo : Их архива Олега Икаева Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Рафыссын
Цыппарбонон балцы рӕстдинонтӕ бабӕрӕг кодтой моладзандонтӕ ӕмӕ сӕхи бафӕдзӕхстой зындгонд сыгъдӕг уды стӕгдартӕн

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы динамонджытӕ аргъуанмӕ ӕмхиц адӕмимӕ иумӕ стыр къордӕй ацыдысты рӕстдинон балцы Нижегородский областьмӕ, цы ран дарынц Серафим Саровскийы стӕгдартӕ, фехъусын кодта Sputnik динамонӕг, фыд Симон.

Цыппарбонон балцы рӕстдинонтӕ бабӕрӕг кодтой моладзандонтӕ ӕмӕ сӕхи бафӕдзӕхстой зындгонд сыгъдӕг уды стӕгдартӕн.

"Мах 50 адӕймаджыскондӕй бабӕрӕг кодтам сылгоймӕгты моладзандон Дивеевойы, цы ран дарынц Серафим Саровскийы стӕгдартӕ, бацыдыстӕм йӕ номыл суадонмӕ. Уый уыд нӕ балцы сӕйраг нысан",- загъта динамонӕг.

Уый ма бафтыдта, фӕстӕмӕ фӕндагыл ноджы бабӕрӕг кодтой нӕлгоймӕгты моладзандон дӕр.

"Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ та нӕ фӕндаг ракодта Воронежы областы горӕт Задонскыл. Уым та нӕ хъусдард здӕхт уыд Тихон Задонскийы стӕгдартӕ цы нӕлгоймӕгты моладзандоны сты, уымӕ. Бафӕдзӕхстам нӕхи", - бафтыдта фыд Симон.

Алайнаг епархийы динамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ма фӕнд кӕнынц ног балцытӕ ацы аз.

© Photo : Из архива Олега Икаева Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ бафӕдзӕхстой сӕхи Серафим Саровскийӕн Дивеевойы
Ног хабӕртты лентӕ
0