Рӕвдз ӕмӕ гъӕдджынӕй: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЦхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ
Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Рафыссын
Хӕдзӕртты раз кӕртытӕ арӕзт фӕуыдзысты ӕмгъуыдӕй цалдӕр боны раздӕр, ныфс ӕвӕрынц цалцӕггӕнджытӕ

ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Нæузæххонты уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты кӕртытӕ схӕрзарӕзт кӕныны куыстытӕм Цхинвалы Цалцæггæнæн-арæзтадон управлени кӕд ӕрӕвнӕлдта хӕрзӕрӕджы, уӕддӕр сын цалдӕр бонмӕ бантыст дзӕвгар саразын. Райдианы цалцӕггӕнджытӕ ӕрӕвнӕлдтой кӕртыты уӕлцъар сисыны куыстытӕм.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЦхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ
Рӕвдз ӕмӕ гъӕдджынӕй: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Нӕузӕххонты уынджы хӕдзӕртты кӕртытӕ

Уый сӕххӕст кӕныны хъуыддадджы хорз хъӕппӕрис равдыстой экскаваторыл кусӕг Дудайты Руслан, шофыртӕ Зассеты Витали ӕмӕ Мӕргъиты Алан. Уыдонӕн ӕрвылбон дӕр сӕрмагонд рахицӕнгонд бынатмӕ сыджыт ластой дӕс, фынддӕс машинӕйы.

Уыцы-иу рӕстӕджы цалцӕггӕнджытӕ кусынц бордюртӕ ӕвӕрыныл дӕр.

"Ӕвӕрынмæ нын æххуыс кæнынц, ацы куыстыты фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, сыхы уыцы ӕвзонг лӕппутӕ. Цӕмӕй бордюртӕ ӕвӕрд ӕрцӕуой раст ӕмӕ рӕсугъд, уым нын стыр ӕххуыс бакӕны геодезист Габуты Руслан", - зæгъынц управленийы кусджытæ.

Арӕзтадон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ рӕвдз ӕмӕ гъӕдджынӕй кӕй ӕххӕст цӕуынц, уый ма бирӕбӕрцӕй у уагдоны хистӕр инженер Бабаты Владикы хъусдард ӕмӕ ӕххуысы фӕрцы. Уый цалцӕггӕнджытӕн ӕппыныдзух ис сӕ фарсмӕ ӕмӕ йӕм цӕмӕй бахатынц, уымæ алы хатт дæр æрдары хорз хъусдард æмæ æххæст æрцæуы. Æмæ кæд ницы проблемæтæ фӕзына, уӕд хӕдзӕртты раз кӕртытӕ арӕзт фӕуыдзысты ӕмгъуыдӕй цалдӕр боны раздӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0