УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ

© Пресс-служба Ленингорского районаУУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ
УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Рафыссын
Куыстытӕм ӕрбаздахтой ӕрмӕст УУМ саперты нӕ, фӕлӕ ма МХМ ӕмӕ ПӔК специалистты, афтӕ ма Хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады кусджыты

ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) басгӕрста ӕмӕ ссыгъдӕг кодта Ленингоры районы бынӕттӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй. Куыстытӕ уагъд цыдысты арӕнгӕрон хъӕу Алеуы цур, кӕцыйы уылты арӕнхъахъхъӕнджытӕ цӕуынц паддзахадон арӕныл ӕрзылды рӕстӕджы.

Куыстытӕ ауадзыны фӕдыл куырдиат УУМ-мӕ бадӕтта Ленингоры районы администрацийы сӕргълӕууӕг, афтӕ ма Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы арӕнгӕрон дӕлхайад.

© Пресс-служба Ленингорского районаУУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ
УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ
"Разӕсгарӕн куыстытӕ ауадзынӕн УУМ сапертӕй дарддӕр ӕрбаздахтой МХМ ӕмӕ ПӔК специалистты, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады кусджыты, афтӕ ма егъау ӕххуыс бакодта Хъахъхъӕнынады министрад. Багӕрстой ӕхсӕз километры дӕргъ ӕмӕ цыппар метры уӕрӕх территори", - радзырдта районон администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.

УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз Ленингоры районы администрациимӕ кусӕгон рабадты рӕстӕджы банысан кодта, уыдон дарддӕр дӕр цӕттӕ кӕй сты сыгъдӕг кӕнын ӕндӕр бынӕттӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй.

Районы сӕргълӕууӕг Гулиты Владимир загъта бузныг УУМ-ӕн сӕ куысты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0