Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусӕй 52 ног рынчыны тыххӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæТест
Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2021
Рафыссын
Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 32 190 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4825

ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы коронавирус сбӕрӕг кодтой 52 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы дыццӕджы сарӕзтой 231 тесты, уыдонӕй 52 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 48 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 675 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 32190 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4825. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 4150 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0