Хуссар Иры егъаудӕр аивадон равдыстон зал байгом уыдзӕн ХИПУ-йы

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ-йы равдыст
ХИПУ-йы равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны байгом уыдзӕн ног аивадон зал. Фыццаг равдысты бавдисдзысты номдзыд мастер Чилӕхсаты Магрезы куыстытӕ

ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уагъд цӕуынц куыстытӕ аивадон равдыстон залы арӕзтады фӕдыл, кӕцы уыдзӕн иууыл егъаудӕр республикӕйы. Университеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй йӕ баконд нывӕндынц ацы аз сентябры кӕрӕттӕм.

ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл

Университеты ныридӕгӕн ацыдысты номдзыд нывгӕнджыты куыстыты ӕртӕ равдысты – Саулаты мыггаджы фоторавдыст 2018 азы августы, РХИ адӕмон нывгӕнӕг Кӕсойты Лаврентийы экспозици 2018 азы ноябры ӕмӕ УФ сгуыхт ӕмӕ адӕмон нывгӕнӕг Никас Сафроновы куыстыты равдыст 2019 азы апрелы.

"ХИПУ аивадон равдыстон зал сараздзысты 140 квадратон метры фӕзуаты бӕстыхайы. Залы уыдзӕн рухсгӕнӕн ифтонггарз, кӕцы фадат уыдзӕн змӕлын кӕнын сӕрмагонд рельсты руаджы, цӕмӕй алкӕцы нывӕн дӕр уа йӕхи сӕрмагонд рухс. ХИПУ аивадон равдыстон залы ма уыдзӕн монитортӕ ӕмӕ проектор. Залы уыдзӕн сӕрмагонд бандӕттӕ дӕр улӕфынӕн. Равдыстон залы арӕзтады фӕдыл мах уадзӕм консультацитӕ специалисттимӕ, сӕ нымӕцы нӕ номдзыд ӕмбӕстаг Кӕсойты Алан", - хъусын кӕны ХИПУ ректор Тедеты Вадимы ныхӕстӕ ахуыргӕнӕндоны пресс-службӕ.

Тедеты Вадим банысан кодта, аивадон зал кӕй байгом уыдзӕн номдзыд ирон мастер Чилӕхсаты Магрезы куыстыты равдыстӕй.

"Залмӕ бацӕуыны фадат уыдзӕн ӕрмӕст ХИПУ студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы алы ӕмбӕстагӕн ӕмӕ нӕ бӕстӕйы уазджытӕн. Университет йӕ хъус дары ӕрмӕст ахуырадон процессмӕ ӕмӕ зонадон архайдмӕ нӕ, фӕлӕ ма студентон фӕсивӕды райрӕзтмӕ дӕр", - бахахх кодтой пресс-службӕйы.

ХИПУ-йы ныртӕккӕ ис дыууӕ вокалон-инструменталон ӕмӕ иу хореографион ансамблы, ӕхсӕз спортивон секцийы. Арӕзт ӕрцыдысты дыууӕ егъау музейы – этнографи ӕмӕ зоологийы. Студенттӕ аразынц телеуынынадон ӕмӕ текстон ӕрмӕджытӕ ХИПУ ТВ ӕмӕ ХИПУ-пресс фӕзуӕттыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0