Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 5077 адӕймаджы, медикты хъусдарды бын ма сты 740 пациенты
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы COVID-19 сбӕрӕг кодтой 40 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы 3 августы сарӕзтӕуыд 186 тесты. Уыдонӕй 40 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 57 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 740 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4437 адӕймаджы.
Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 33 443 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5077.
Ног хабӕртты лентӕ
0