Хуссар Иры боксертӕ Минводтӕй ӕрхастой 12 майданы ӕмӕ Кубок

© Из архива А. ДзигоеваХуссар Иры боксертӕ Минводтӕй ӕрхастой Кубок ӕмӕ 12 майданы
Хуссар Иры боксертӕ Минводтӕй ӕрхастой Кубок ӕмӕ 12 майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Рафыссын
Гом ерысты Сӕрмагонд Кубокӕй рахицӕн кодтой тренер Дзигойты Ацӕмӕзы. Гӕджиты Гурам, Куымӕридтаты Владислав, Харебаты Тамаз ӕмӕ Икъоты Тамерланы та сбуц кодтой сызгъӕрин майдантӕй
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд командӕ боксӕй рамбылдта 12 майданы Минводты уагъд цӕуӕг турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Командӕйы хӕзнадоны ис цыппар сызгъӕрин, фондз ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйы. Уымӕй дарддӕр ма ӕмбырдгонды хыгъды ис тренеры хорзӕх.
"Турниры цыппар спортсмены райстой сызгъӕрин майдантӕ. Сӕ ныхмӕлӕуджыты иууылдӕр ныддӕрӕн кодтой Гӕджиты Гурам,  Куымӕридтаты Владислав, Харебаты Тамаз ӕмӕ Икъоты Тамерлан", - загъта тренер.
Дыккаг призертӕ ссисты Хацырты Хетӕг, Козаты Вадим, Кокойты Лев, Бабаты Станислав, Багаты Арсен.
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Хуссар Иры боксертӕ стох кӕндзысты "Юность России"-йы
Хуссар Ирыстоны командӕ у ӕрвылазон гом турниры ӕдзух архайӕг. Ерыстӕ нывонд вӕййынц дзӕнӕттаг дӕсны тренер Валерий Поповӕн.
"Ӕрвылаз дӕр дзы райсӕм хайад. Ацы хатт майдантӕй дарддӕр командӕ бацис Кубокы хицау дӕр. Сӕрмагонд хорзӕхӕй рахицӕн кодтой мӕн дӕр, куыд тренеры", - бафтыдта Дзигойты Ацӕмӕз.
Хуссар Ирыстоны иугонд командӕ фидар ӕрцыд хицӕн секциты хъомылгӕнинӕгтӕй. Спортсменты цӕттӕдзинадмӕ сӕ хайбавӕрд бахастой Куымӕридтаты Родион, Гӕджиты Гамлет, Котолоты Бола ӕмӕ Лолоты Александр.
Ног хабӕртты лентӕ
0