Хуссар Иры паддзахадон театрмӕ ӕрхуыдтой уӕрӕсейаг режиссеры

© Sputnik / Александр Натрускин /  Ахизын медиабанкмæМихаил Чумаченко
Михаил Чумаченко - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейаг режиссер Михал Чумаченко куыстмӕ бавнӕлдта ацы бонты, сфӕлдыстадон къордимӕ кусынц Александр Володины пьесӕ "Фондз изӕры"-ыл
ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ уӕрӕсейаг режиссеры къухдариуӕгадӕй сӕвӕрдзысты спектакль "Фондз изӕры", фехъусын кодта Sputnik уагдоны аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Уӕрӕсейаг режиссер Михал Чумаченко куыстмӕ бавнӕлдта ацы бонты, уый сфӕлдыстадон къордимӕ кусы Александр Володины пьесӕйыл.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Ӕрхонгӕ режиссер Цхинвалы бавдисдзӕн комеди "Дон Жуан"
"Спектакль ӕвӕрд цӕуы Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист Хъӕцмӕзтӕ Фатимӕйы юбилеймӕ. Уый сценӕйӕн лӕггад кӕны ныр 40 азы, куыд актрисӕ ӕмӕ режиссёр. Йӕ юбилей ахӕм хуызы банысан кӕнын бафӕндыд йӕхи", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
ПДТ-йы сфӕлдыстадон къухдариуӕггӕнӕг бафтыдта, хуынд специалист Цхинвалмӕ ӕрцыд ивгъуыд къуырийы кӕрон.
"Уый ӕрцыд йӕ нывгӕнӕг Сергей Дулесовимӕ. Базонгӕ коллективимӕ, байуӕрста фӕлгонцтӕ. Куыст срӕвдз ис",- бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0