Цхинвалы ацӕудзӕн ленк кӕнынӕй турнир Республикӕйы бонмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ацӕудзӕн ленк кӕнынӕй турнир Республикӕйы бонмӕ
Цхинвалы ацӕудзӕн ленк кӕнынӕй турнир Республикӕйы бонмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2021
Рафыссын
Ерысты старт нысангонд у 20 сентябры 10 сахатмӕ
ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ленк кӕныны федераци хоны Республикӕйы боны цытӕн турнирмӕ. Майдантыл тохы бацӕудзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны спортсментӕ.
Ерысты старт нысангонд у 20 сентябры 10 сахатмӕ.
"Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 200 архайӕгмӕ, сӕ нымӕцы Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты (СКГМИ) командӕ. Архайынц ӕхсӕз кары категори, чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ дӕр хицӕнтӕй. Кары категоримӕ гӕсгӕ ерыстӕ цӕуынц ӕртӕ дистанцийыл - 25,50 ӕмӕ 100 метры сӕрибар стилы", - радзырдта Sputnik ленк кӕныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеева.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы бонӕн нывонд турнир ссис ӕрвылазон традици.
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы
"Турнир уадзӕм ӕрвылаз. Ерыстӕ сты рейтинг саразыны циклы сконды, сӕ фӕрцы бӕрӕг кӕнӕм спортсменты цӕттӕдзинад", - бафтыдта уый.
Тренер ма бафтыдта, радон ерыстӕ уыдзысты ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, уый уыдзӕн республикӕйы чемпионат.
"Ноябры сывӕллӕтты турнир аивтам финансон фӕрӕзты цухдзинад ӕмӕ пандемийы аххосӕй. Уымӕ гӕсгӕ, ацы турниры фӕстӕ ерысты нывӕзт ӕрурӕмдзыстӕм ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Ӕнӕ уый та секциты куыст сӕрдыгон улӕфты фӕстӕ сног ис августӕй", - банысан кодта Евгения Терлеева. 
Ӕдӕппӕтӕй Хуссар Ирыстоны ленк кӕныны секциты архайы 550 сывӕллоны. Цхинвалы кусы дыууӕ бассейны - "Олимп" ӕмӕ "Дельфин".
Ног хабӕртты лентӕ
0