Ӕвзӕрстытӕ цӕуынц активонӕй: УФ минӕварад Хуссар Иры хъӕлӕсдӕттыны тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ
Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы дарддӕр уагъд цӕуы ӕмгъуыдагъоммӕ хъӕлӕсдӕттын Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 14  сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейы ӕртӕ мин ӕмбӕстагӕй фылдӕр, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, схъӕлӕс кодтой УФ Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты, фехъусын кодта Sputnik Уӕрӕсейы минӕварады консулон хайады хӕдивӕг Сергей Алексеев.
"Фыццаг этапыл – 3-ӕй 16-ӕм сентябрмӕ махмӕ хъӕлӕс кӕнынц 4-ӕм уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ, афтӕ ма сӕ бинонтӕ. Фыццаг этап аххӕссыд ӕрмӕст ацы категорийыл, дыккаг этап та – 17, 18, 19 сентябры – уыдзӕн Уӕрӕсейы ӕндӕр ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстоны", - радзырдта уый.
Алексеевы ныхӕстӕм гӕсгӕ  абоны бон иууыл фылдӕр схъӕлӕс кодтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы, уымӕн ӕмӕ Цхинвалы ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджыты нымӕц у фылдӕр.
"Ницы цаутӕ не сбӕрӕг кодтам. Алцыдӕр цӕуы законы къабазы", - загъта дипломат.
Ӕвзарӕн фадгуыты ӕххӕст цӕуынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕ, цӕмӕй коронавирусы апарахат ма руадзой, банысан кодта Алексеев.
"Мах рекомендаци кӕнӕм алкӕмӕндӕр ӕххӕст кӕнын дистанци ӕмӕ нӕ хъус дарӕм уымӕ. Ӕвзарджытӕ иууылдӕр бӕрнон ахаст дарынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕм", - бахахх кодта уый.
Ӕвзарӕн фадгуытӕ гом уыдзысты 8.00-ӕй 20.00 сахаты онг. Цхинвалы уыдон бакӕндзысты Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы Цоциты Василийы уынгыл, афтӕ ма фыццӕгӕм скъолайы Медведевы уынгыл, фӕндзӕм скъолайы Джиоты Аланы проспектыл, Совпрофы бӕстыхайы Фидауынгӕнджыты уынгыл ӕмӕ бирӕпрофилон колледжы Герцены уынгыл.
 
© SputnikУӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ
Выборы депутатов Госдумы РФ 2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0