Хъусдарды бын 700 рынчынӕй фылдӕр: коронавирусимӕ уавӕр Хуссар Иры

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæCovid-19
Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Рафыссын
Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй абонмӕ коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт 5368 онг, сӕнӕниз сты 4657
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы  COVID-19 сбӕрӕг кодтой 48 ӕмбӕстагӕн, медикты хъусдарды бын ӕдӕппӕт сты 711 пациенты, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Спутник V вакцинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Хуссар Иры ӔХМ фехъусын кодта COVID-19-ы ныхмӕ вакцинацийы тыххӕй
"Нӕ лабораторийы дыццӕджы сарӕзтӕуыд 226 тесты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг разынд 48 пробӕйӕн. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 60 сӕнӕнизуӕвӕджы",  - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4657 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 34 минӕй фылдӕр иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5368.
Ног хабӕртты лентӕ
0