Югосетпотребнадзор ӕрхаста ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдианӕй инфекци ӕдӕппӕт разынд 5748 адӕймагӕн, уыдонӕй сӕнӕниз сты 4888 пациенты
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы  COVID-19 сбӕрӕг кодтой 68 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы цыппӕрӕмы сарӕзтӕуыд 242  тесты. Уыдонӕй 68 пробӕйы радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 60 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 860 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4888 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 36 469 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5748.
Ног хабӕртты лентӕ
0