Хуссар Иры скъоладзаутӕ тох кӕнынц Бежанты Зелимы номыл турниры футболӕй

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры скъоладзаутӕ тох кӕнынц Бежанты Зелимы номыл турниры футболӕй
Хуссар Иры скъоладзаутӕ тох кӕнынц Бежанты Зелимы номыл турниры футболӕй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Рафыссын
Ерыстӕ ахицӕн уыдзысты дыццӕджы Дзауы районы, уӕлахиздзаутӕ райсдзысты призтӕ
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы фӕндзӕм бон цӕуынц спорты сгуыхт кусӕг Бежанты Зелимы номарӕн турниры тохтӕ скъоладзауты футболон командӕты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik тренер Кокойты Юрий.
Шахматтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты тыхджындӕр ӕвзонг шахматисттӕ
Ӕдӕппӕтӕй призтыл тохы бацыд 12 командӕйы.
"Командон тохтӕ ахицӕн сты. Финалы ӕстӕм хаймӕ ахызт 8 командӕйы, уыдон уыдысты сӕйраг тохгӕнджытӕ. Абон ацӕудзӕн йӕ финалон хъазт",- загъта уый.
Уый ма бафиппайдта, ерыстӕ цы адӕймагӕн сты нывонд, уыимӕ уыд зонгӕ.
"Мах куыстам иумӕ мӕ амондӕн. Стыр бузныг дӕн йӕ ном йын чи сӕнусон кодта ӕрвылазон турнирӕй, уыдонӕн. Кадджын, хӕларзӕрдӕ, спортуарзаг, ахӕм уыд Бежанты Зелим",- бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0