Хуссар Иры COVID-19 сбӕрӕг кодтой 54 адӕймагӕн иу суткӕмӕ – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2021
Рафыссын
Бон раздӕр сбӕрӕг кодтой 41 рынчыны коронавирусӕй, республикӕйы пандлемийы рӕстӕджы коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 5962 адӕймагыл
ЦХИНВАЛ, 29 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 54 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 252 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 54 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 58 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 871 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5091 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 37 466 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5962.
Ног хабӕртты лентӕ
0