Ног æмгъуыд: мэрийы ныфс дæттынц дыууæ къуыримæ Цхинвалы уынгтыл уæрмытæ сраст кæнын

© Sputnik / Natalia Airiyan Дыууæ къуыримæ столицæйы уæрмытæ сраст кæныны ныфс дæттынц мэрийы
Дыууæ къуыримæ столицæйы уæрмытæ сраст кæныны ныфс дæттынц мэрийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2021
Рафыссын
Цхинвалы централон ӕмӕ фӕрсаг уынгтыл уӕрмытӕ ӕнӕарӕзтӕй лӕууынц мӕйгӕйтты дӕргъы ӕмӕ зынвадат кӕнынц шофырты уавӕр
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтыл уӕрмытӕ фӕндагон кусджытӕ бамбӕрздзысты дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ, радзырдта Sputnik Цхинвалы администрацийы цалцӕггӕнӕг-арӕзтадон хайады хистӕр Гӕззаты Инал.
Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ
Цхинвалы централон ӕмӕ фӕрсаг уынгтыл уӕрмытӕ ӕнӕарӕзтӕй лӕууынц мӕйгӕйтты дӕргъы. Уагдоны ацы проблемӕ аиуварс кӕныны ныфс дӕттой сентябрьмӕ, фӕлӕ сӕ афоныл саразын нӕ бантыст.
"Ныффӕстиат сты, куы асфальты завод нӕ куыста, куы та кусджытӕ рынчын кодтой. Фӕлӕ ныр бавнӕлдтам куыстмӕ, уӕрмытӕ сыгъдӕг цӕуынц ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ лыг кӕнынц. Дыууӕ къуыримӕ сӕ бамбӕрздзыстӕм", - загъта Гӕззаты Инал.
Уый ма бафтыдта, ӕдӕппӕтӕй столицӕйы фӕндӕнтыл бамбӕрзинаг кӕй ис 500 квадратон метры бӕрц фӕзуат.
Шофыртӕ ӕдзух кӕцытӕй фӕтыхсынц, ахӕм дзыхъхътӕ ис Советон уынгыл, Сталин ӕмӕ Путины уынгты алвӕндагыл ӕмӕ ӕндӕр рӕтты.
© Sputnik / Natalia Airiyan Дыууæ къуыримæ столицæйы уæрмытæ сраст кæныны ныфс дæттынц мэрийы
Ямы на дорогах Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Дыууæ къуыримæ столицæйы уæрмытæ сраст кæныны ныфс дæттынц мэрийы
Ног хабӕртты лентӕ
0