Хуссар Иры фӕзындзӕн Транскамы музей

© Sputnik / Валерий Шустов /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Рафыссын
Республикӕйы музей саразыны хъӕппӕрис бирӕ хатт рахаста Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты аналогион музейы бындурӕвӕрӕг Кортиаты Леван
ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадий ӕрдзырдта профессор Кортиаты Леванимӕ Транскавказаг автомагистралы музей саразыны фарстыл.
© Пресс-служба правительства РЮОЦӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты Транскамы музей
Премьер-министр РЮО Геннадий Бекоев (слева) и проректор СКГМИ Тимур Гудиев в музее Транскама - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты Транскамы музей
Кортиаты Леван у фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад ӕмӕ организацийы кафедрӕйы профессор ӕмӕ Транскамы музейы бындурӕвӕрӕг Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты.
Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар ӕрзылд музейы экспозицийыл институты проректор Гудиты Тимуримӕ. Музейы коллекцийы ис ӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ Кортиаты Леван ӕмбырд кодта 50 азы дӕргъы – экипировкӕ, инструменттӕ, арӕзтады нывӕзтытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Кортиаты Леван бахахх кодта, раздӕр дӕр бирӕ хатт кӕй бадзырдта ацы хъӕппӕрисимӕ республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, фӕлӕ ӕрмӕст ныр райста Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы разыдзинад.
"Автомагистралы фӕзындӕн, кӕцы иу кӕны ирон адӕмы хуссар ӕмӕ цӕгаттаг хай, ис ахсджиаг нысаниуӕг. Раст уыдзӕн, Транскамы историйӕн нывонд музей куы уа Хуссар Ирыстоны дӕр. Ахсджиг у зонын хъайтарты, кӕцытӕ бындур ӕрӕвӕрдтой "царды фӕндаджы" арӕзтадӕн. Дарддӕр кусдзыстӕм фарстытыл, кӕцытӕ баст сты музейы арӕзтадимӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Кортиаты Леван ма радзырдта музейы уазджытӕн, йӕ бӕллиц кӕй у саразын ӕфсӕнвӕндаг Кавказы хӕхты рагъы уылты.
Ног хабӕртты лентӕ
0