УУМ кусджытӕ Цхинвалы фервӕзын кодтой цъаййы ныххауӕг куыдзы

Рафыссын
Куыдз ныххаудта цъаййы ӕмӕ йӕ хицӕуттӕн сӕхи тыхтӕй сӕ бон нӕ баци донӕй сисын цӕрӕгойы, уымӕ гӕсгӕ фӕсидтысты ирвӕзынгӕнджытӕм
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ цъаййӕ сӕлвӕстой куыдзы, ӕххуысмӕ фӕсидтысты Цхинвалы Табуты уынгӕй, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны радгӕсон службӕйы.
"Куыдз ныххаудта цъаййы ӕмӕ йӕ хицӕуттӕн сӕхи тыхтӕй сӕ бон нӕ баци донӕй сисын цӕрӕгойы, уымӕ гӕсгӕ фӕсидтысты ирвӕзынгӕнджытӕм. Нӕ къорд бацыд ӕмӕ фӕрвӕзын кодта куыдзы", - загътой уагдоны.
Уым ма бафтыдтой, ивгъуыд суткӕйы уымӕй дарддӕр Уӕлвӕткон уагдоны минӕвӕрттӕм кӕй фӕсидтысты ӕртӕ хатты.
"Нӕ бригадӕтӕ дыууӕ хатты та аиуварс кодтой ӕхгӕд дуары проблемӕтӕ", - бафтыдтой уым.
Ног хабӕртты лентӕ
0