Хуссар Иры дӕлстанцыл зынгсирвӕзт ссис рухсы ахуысты аххосӕг

Рафыссын
Ныридӕгӕн зынгсирвӕзт ахуыссын кодтой. Фӕлӕ кӕцыдӕр хӕдзӕртты нырма не ссыгъ рухс. "Энергоресурсы" бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕхсӕнадон бӕстыхӕйтты рухсыфтонгад не срӕвдзы уыдзӕн дыууӕ бонмӕ
ЦХИНВАЛ, 14 окт – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары цыппӕрӕмы бонӕй ссыгъд трансформаторон дӕлстанцтӕй иу, уый тыххӕй бахъуыд рӕстӕгмӕ республикӕйы рухс ахуыссын кӕнын, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон хайады.
Уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ссыгъд дӕлстанц, кӕцы ӕвӕрд ис уазӕгдон "Алан"-ы фӕстӕ.
"Цауы бынатмӕ ацыдысты зынгфӕдисонтӕ. Арт ныридӕгӕн ахуыссын кодтой", - загътой уагдоны.
"Энергоресурс"-ы диспетчерты бӕрӕггӕнтӕм гӕсгӕ, нырма нӕй зианы масштабӕн саргъ кӕныны фадӕттӕ.
"Нӕ кусджытӕ хъуыддаг бӕрӕг кӕнын райдайдзысты сом. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕввахс уӕвӕг ӕхсӕнадон бӕстыхӕйтты - "Мегафон"-ы, уазӕгдон "Алан"-ы, автовокзалы ӕмӕ университеты ӕмдзӕрӕндоны - рухс нӕ уыдзӕн дыууӕ боны", - загъта ныхасӕмбал.
Ныридӕгӕн сног ис республикӕйы рухсифтонгад.
Ног хабӕртты лентӕ
0