ХИПУ ректор радзырдта, куыд кусдзӕн университет карантины рӕстӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Рафыссын
Бон раздӕр коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперштаб аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕттӕ сӕхгӕнын карантиныл, COVID-19-ӕй рынчынты нымӕц бирӕбӕрцӕй кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) ректорат ӕмӕ хицӕн структурӕтӕ адарддӕр кӕндзысты сӕ куыст арӕнӕвӕрд уавӕрты дыууӕкъуырион карантины аххосӕй, фехъусын кодта уагдоны ректор Тедеты Вадим.
"Ректорат ӕмӕ йӕ службӕты, афтӕ ма деканаттӕ ӕмӕ ӕндӕр структурӕты бакодтам радгӕсад. Алы службӕ дӕр – архиф, кадрты хайад, канцелярии, бухгалтерии ӕмӕ ӕндӕрты – иууылдӕр кусдзысты фӕйнӕ иу кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы 10.00 -14.00 сахаты онг", - загъта ректор.
Уый бафтыдта, ахуырадон процесс университеты кӕй сног уыдзӕн ӕххӕстбӕрцӕй 1 ноябры, кӕд республикӕйы карантинон арӕнӕвӕрдтӕ нӕ адарддӕр уой, уӕд.
Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2021
Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ оперштаб райста арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ
"Карантины рӕстӕджы цы дыууӕ къуыри фесафӕм, уыдон бафтаудзыстӕм фыццаг семестра кӕронмӕ. Адарддӕр кӕндзыстӕм семестр фаронау. Аудиторон ахуыртӕ уагъд ӕрцӕудзысты ӕххӕстбӕрцӕй. Дистанцион формӕ нӕм нӕ уыдзӕн", - бахахх кодта ректор.
Фӕсаууонмӕ хайады студенттӕн дӕр, бафтыдта Тедеты Вадим, ацы дыууӕ къуыри бафтаудзысты уалдзыгон сессимӕ.
Бон раздӕр коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперштаб аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕттӕ сӕхгӕнын карантиныл, COVID-19-ӕй рынчынты нымӕц бирӕбӕрцӕй кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0