Бибылты Анатолий ацыд Сербаг Республикæмæ официалон балцы

Хуссар Ирыстоны президент хайад райсдзæн Республикæйы боны цытæн мадзæлтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ 8 янв— Sputnik. Бибылты Анатолий фæуазæг уыдзæн паддзахадмæ официалон визитимæ Сербаг Республикæ Босни æмæ Герцеговинайы президент Милорад Додикы фæхуындмæ гæсгæ 8-13 январы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы пресс-службæ. Президент райсдзæн хайад Республикæйы боны цытæн мадзæлтты.

Официалон делегацийы сконды ма сты РХИ президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Георгий.

Уæлдæр æмвæзадыл бадзырдты рæстæджы уынаффæ цæудзæн æндæр æмæ æндæр къабæзты дыууæварсон æмгуыстады фарстытыл, афтæ ма фехъусын кæндзысты сæ хъуыдытæ ахсджиаг регионалон æмæ æхсæнадон проблемæты фæдыл. Бадзырдты фæстиуджытæм гæсгæ, бæстæты хсæн бафыст æрцæудзысты дыууæварсон документтæ.