Бибылты Анатолий уыд æфсæддон архæйдтыты бынаты Донецкы

РХИ-ы президент радта республикæйы хъахъхъæнджытæн æфсæддон экипировкæ æмæ "Растдон"-ы продукци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Бибылты Анатолий бацыд Донецкаг адæмон республикæйы (ДАР) сæрмагонд нысаниуæджы полчы раздзог позицитæм æмæ федта, куыд цæуынц æфсæддон ахуыртæ полигоныл, хъусын кæны ТК Юнион. Хуссар Ирыстоны президент ма ногазон лæвары хуызы æрласта ДАР-ы хъахъхъæнджытæн æфсæддон экипировкæйы комплекттæ æмæ фыдызгъæлы завод "Растдон"-ы продукци.

"Ахæм цаутæ – ныртæккæ Донецкы æмæ Луганскы цытæ цæуы — сты æнгом баст. Ӕмæ кæд уыдон баст сты, уæд мах сараздзыстæм аскъуынæн кæмæн нæй, ахæм рæхыс", — фехъусын кодта Бибылты Анатолий.

Хæлардзинад æмæ цыткæнынады нысанæн, полигоны айзæлыдысты ДАР æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимнтæ.

Донецкаг адæмон республикæйы ис бирæ бархионтæ Хуссар Ирыстонæй, кæцытæ æрцыдысты Донбассы адæмы фарс балæууынмæ украинаг агрессийы ныхмæ. Хуссарирыстойнаг бархионтæ сты афтæ хуыйнæг батальон "Пятнашка"-йы сконды.