Гæбулты Владимиры ФИФА гуырысхо кæны допингæй спайда кæныны

Ирыстойнаг футболист бахауд номхыгъдмæ, кæцыты допинг-тесттæ æрдомдта ФИФА
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Уæрæсейы æмбырдгонды къулдуаргæс, кæцы ацы бонты бафыста сразыдзинад "Брюгге"-имæ, бахауд ФИФА-йы зæрдæ допингæй пайдакæнынадмæ цы футболисттæм æхсайы, уыдон нымæцмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Спорт Экспресс.

Боксы тренер: ӔОК уынаффӕ дӕлдзиныг кӕны Ирыстоны бартӕ

Футболы æхсæнадæмон федераци æрдомдта РУСАДА-йæ информаци футболистты 19 допинг-тестты тыххæй. Уыдон иууылдæр систой 2012 – 2013 азты уæрæсейаг специалисттæ æмæ кæсынц ФИФА-мæ зæрдæхсайгæ. Уыцы рæстæджы Гæбулты Владимир хъахъхъæдта "Анжи"-йы спортивон кад.

Гæбулты Владимир хъазыд ахæм клубты, куыд мæскуыйаг ЦСКА æмæ "Динамо"-йы, махачкалайаг "Анжи"-йы, краснодараг "Кубань"-ы, пермаг "Амкар" æмæ дзæуджыхъæуккаг "Алани"-йы.