Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ма сты президенты администрацийы сæргълæууæг æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр
Sputnik

ЦХИНВАЛ 9 янв— Sputnik. Бибылты Анатолий æрцыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий уыд æфсæддон архæйдтыты бынаты Донецкы

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ма сты РХИ президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Гела.

Раздæр, 8 январы Бибылты Анатолий æрцыд горæт Белградмæ. Сербаг Республикæйы столицæ – Баня-Лукайы аэропорты Хуссар Ирыстоны делегацийыл сæмбæлд экономикон ахастыты æмæ регионалон æмгуыстады министр Златан Клокич.

Автономон край Воеводинайы горæт Нови-Сады Хуссар Ирыстоны официалон делегаци бацыд Сыгъдæг Джиуæрджийы аргъуанмæ. РХИ-ы президент фембæлд Бачаг епископ Иринейимæ.

"Фембæлды рæстæджы дзырд цыд рæстдинон хæзнатæ бахъахъхъæыныл, бахахх æрцыд паддзахад æмæ динон баиугæндты иумæйаг архæйдтыты æнæмæнгхъæуæгдзинад монон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны фæдыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссарирыстойнаг делегаци ма фæуазæг Сыгъдæг зæдтæ – Михаил æмæ Гавриилы моладзандонмæ.

Хуссар Ирыстоны президенты официалон визит Сербаг республикæмæ адарддæр уыдзæн 8 январæй 13 январы онг.

1 / 5
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ
2 / 5
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ
3 / 5
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ
4 / 5
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ
5 / 5
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ

Визиты фæлгæтты Бибылты Анатолий райсдзæн хайад Сербаг Республикæйы боны цытæн нывонд мадзæлтты, ауадздзæн официалон фембæлд Сербаг Республикæйы президент Милорад Додикимæ. Бафыст æрцæудзæн æмгуыстады фæдыл протокол.

Афтæ ма бафыст æрцæудзæн протокол хуссарирыстойнаг парти "Иугонд Ирыстон" æмæ Хæдбар социал-демократты цæдисы æхсæн.

Хуссар Ирыстоны президент ма ауадздзæн цалдæр фембæлды Сербийы столицæ Белграды.