Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта 6 майданы джиу-джитсуйæ

Ирыстонæй спортсменты къухты бафтыд цыппар сыгъзæрин майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв— Sputnik. Ирыстоны æмбырдгонд хайад райста Уæрæсейы фыццагады джиу-джитсуйæ 2001-2003 æмæ 1998-2000 азты гуырд чызджытæ æмæ лæппуты æхсæн. Турнир уагъд цыд 5-7 январы горæт Конаковойы (Тверы область) æмæ æрæмбырд кодта 500-йæ фылдæр хайадисджыты, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Ирыстойнаг спортсменкæ рамбылдта дыууæ майданы джиу-джитсуйæ Петербурджы

Республикæйы командæ рамбылдта цыппар сыгъзæрин, иу æвзист æмæ иу бронзæ майданы. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Дзитойты Артур æмæ Къаргаты Руслан.

18 азы онг кары категорийы иттæг хорз архайдта Хъараты Таймураз. Афтæ ма фыццаг бынат бацахста ахæм æмвæзады турниры фыццаг хатт хайад райсæг Фæрниаты Сослан.

Чызджыты æхсæн та бæрзонд æнтыстытæ бафтыд Кокойты Белла, Мæхъиты Кристина æмæ Анастасия Васьковайы къухты.

Уæрæсейы фыццагады фæстиуджытæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй цыппарæй — Хъараты Таймураз, Мæхъиты Кристина, Фæрниаты Сослан æмæ Кокойты Белла бацыдысты Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ, цæмæй райсой хайад дунейы фыццагады, кæцы ацæудзæн 3-6 марты Абу-Дабийы (Араббаг Иугонд Эмираттæ).