Ӕлборты Яна стох кæндзæн Дунейы кубокы фехтованийæ

Ирон спортсменкæ архайдзæн ерысты уæрæсейаг æмбырдгонды сконды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Польшæйы горæт Катовицæйы ацæудзæн фехтованийæ дунейы кубокы этап сылгоймæгты ʻхсæн 12-14 январы, хъусын кæны Градус Осетии.

Европæйы фыццагады уæлахиздзау (U-23) Ӕлборты Яна бацыд националон командæйы скондмæ.

Ӕлборты Янайæ дарддæр ма ерысты архайдзысты 11 уæрæсейаг спортсмены, се ʻхсæн 2016 азы Олимпиаг уæлахиздзау — Инна Дериглазова.