ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ административон бæрндзинадмæ æркодтой Цæгат Ирыстоны дыууæ æмбæстаджы æмæ иу бынæттон цæрæджы æнæзаконон æгъдауæй республикæмæ тобæгонд препарат "Лирика" æрбаласыны тыххæй, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Хæдтулгæ тобæгонд препаратимæ наркотикон буарадты парахат кæныны ныхмæ управлениейы кусджытæ æрурæрдтой æртыццæджы Дзауы районы Гуфтайы хъæуы.
Хæдтулгæ ВАЗ-2107–ы уыдысты шофыр — Цæгат Ирыстоны 33-аздзыд цæрæг æмæ ма ноджы дыууæ адæймаджы – 47-аздзыд бынæттон цæрæг æмæ 32-аздзыд уазæг Цæгат Ирæй.
"Машинӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардæуыд æмæ байст æрцыд "Лирика"-йы 154 капсулæйы. Афтӕ ма пассажиртӕй иуы басгӕрст рабӕрӕг кодта уымӕ дӕр 7 капсулӕйы", — банысан кодтой мидхъуыддӕгты министрады.
Факты фӕдыл ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты районон тӕрхондонмӕ.
Уымӕй размӕ ма ацы районы ноджы иу цӕрӕгмӕ ссардæуыд æмæ байст æрцыд республикæйы тобæгонд препарат "Лирика"-йы капсулæтæ, афтæ ма тыхтон гæн.
Хуссар Ирыстоны парламент 2015 азы райста закон, кӕцы тобӕ ӕвӕры "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй ӕназаконон пайдакӕнынад, реализаци ӕмӕ ӕрбаластыл.