Президент радзырдта ДАР æмæ Сербаг республикæмæ йæ балцыты тыххæй

Республикæйы сæргълæууæг райдыдта афæдз æхсæнадæмон визиттæй, кæцыты тыххæй Бибылты Анатолий радзырдта парламенты депутаттæ æмæ хицауады уæнгтæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта парламент æмæ хицауадæн Сербаг Республикæ æмæ Донецкаг адæмон республикæмæ йæ æрæджыйы балцты фæстиуджыты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны делегаци Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уыд ДАР-ы 5 январы, цы ран уынаффæ цыд дыууæ республикæты æхсæн базарадон-экономикон ахастыты райрæзтыл. Уый фæстæ президент абалц ис Сербаг Республикæмæ, уым та бафыстæуыд æмгуыстады фæдыл сразыдзинад.

Хуссар Ирыстон снысан кодта йæ минæвары Сербаг Республикæйы

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм балцтæн ис æвæрццаг æндæвдад Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон имиджыл, йæ культурæ æмæ историйы популяризацийыл.

"Сербаг Республикæйы къухдариуæгадæн уыд тынг цытджын реакци, информацион рауагъдтæ иууылдæр гом кодтой нæ визиты тыххæй хабæрттæй. Нæ историтæ сты æмхуызон. Сербаг Республикæйы дæр тыхæй бакодтой Босни æмæ Герцеговинæйы скондмæ, афтæмæй та республикæ у хæдбар – хорз æмвæзадыл ис экономикæ, царды æмвæзад у бæрзонд, кусы парламент, институттæ иууылдæр архайынц", — загъта президент.

Бибылты Анатолий радзырдта, СР-имæ кæй бафыстæуыд рад сразыдзинады, дарддæры æмархайд баст у дыууæ республикæты къухдариуæггæнджытимæ.

"Уыдонæн ис фæндон махимæ æмархайд кæнын, æз фæхуыдтон Сербаг Республикæйы президенты нæ республикæмæ августы цытджын мадзæлттæм. Уый радта развæлгъау разыдзинад", — загъта президент.

Уый ма аздæхта хъусдард, Гуырдзыстоны минæвар Турчы, кæцы æмрæстæджы æххæст кæны минæвары хæстæ Босни æмæ Герцеговинæйы дæр, кæй сарæзта официалон протест хуссарирыстойнаг делегацийы визиты фæдыл.

Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

"Ӕз æрцыдтæн Сербаг Республикæмæ æмæ нæ фæнд кодтой Босни æмæ Герцеговинæмæ цæуын. Гуырдзыстоны реакци та мах нымайæм худæгыл. Кæд æмæ официалон Тбилис æвдисы ахæм тыхстдзинад, уæд уый у нысан æмæ мах лæууæм раст фæндагыл", — бафтыдта Бибылты Анатолий.

Уый ма радзырдта йæ балцы тыххæй ДАР-мæ, æмæ бафтыдта, уый фæдыл протесттæ кæй хъуыстысты Украинæйы æрдыгæй. Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй банымадта ДАР æмæ ЛАР-ы хæдбардзинад æмæ нывæнды семæ æмгуыстад кæнын.

"Уым сусæггаг ницы ис. Ацы позици у Хуссар Ирыстоны раздæры æмæ ныры къухдариуæгады позици дæр", — фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæг.

Бибылты Анатолий бафтыдта, куыст кæй цæуы ДАР-мæ "Растдон"-ы продукци, минералон дон æмæ æндæр продукци ласыны фарстытыл.