ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта æмбырд Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм цæттæ кæныны фæдыл, кæцытæ ацæудзысты 2018 азы марты.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, æвзæрстыты организацион мадзæлттæ иууылдæр кæй хъуамæ цæуой Хуссар Ирыстоны Центрæвзæрсткъамимæ æмархайдæй æмæ дзуапп дæттой æхсæнадæмон барад, УФ æмæ РХИ закæттæн.
"Мидхъуыддæгты министрады хъæуы бакусын æвзарæн фадгуыты æдасдзинад сифтонг кæныныл, афтæ ма æвзæрсты рæстæджы республикæйы территорийыл уагæвæрд бахъахъхъæныныл. Курæг уæ дæн, оперативонæй скъуыддзаг кæнут сæвзæргæ фарстытæ æмæ æмгуыстад кæнут централон æвзарæн къамисимæ", — банысан кодта уый.
Бибылты Анатолий бахæс кодта районон администрациты сæргълæуджытæн бацæттæ кæнын бæстыхæйттæ æвзарæн фадгуытæн æмæ æмбæстæгтæн сорганизаци кæнын транспорт æвзарæн фадгуытæм бацæуыны тыххæй.
Радон президентон æвзæрстытæ Уæрæсейы ацæудзысты 2018 азы 18 марты. Ӕдæппæт РХИ территорийыл арæзт æрцæудзæн фараст æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз æрбайгом уыдзысты Цхинвалы, иннæтæ та – Знауыры æмæ Дзауы районы администрациты, Ленингоры поселок æмæ Дменисы хъæуы.