ЦХИНВАЛ, 16 янв— Sputnik. IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт æнцонæй фæуæлахиз уыдзæн WBA Regular роны хицау, кубæйаг Юниер Дортикосыл Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS) æрдæгфиналы, нымайы WBO версимæ гæсгæ дунейы чемпион Сергей Ковалев.
Тох фæуыдзæн æмгъуыдæй раздæр
Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тох ацæудзæн 3 февралы Сочийы Ихын галуан "Большой"-ы аренæйыл.
"Мæ нымадмæ гæсгæ, Гасситы Мурæт æнцонæй фæуæлахиз уыдзæн кубæйаг спортсменыл. Дортикос тыхсы æмæ аразы алыхуызон карз хъусынгæнинæгтæ. Уый та дзурæг у йæ дызæрдыгдзинадыл тохы фæстиуджыты фæдыл. Гасситы Муратæн та йæ æнæниздзинад, хъомыс æмæ мотиваци абухынц, уымæн æмæ уый тох кæндзæн дыууæ титулыл. Уыимæ иумæ ма тох ацæудзæн йæ райгуырæн зæххыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гасситы Мурæт рамбулдзæн æмгъуыдæй раздæр – цыппæрæм æмæ æстæм раундтæй искæцыйы", — хъусын кæны Ковалевы ныхæстæ агентад "Р-Спорт".
Рингыл фембæлдзысты тыхджындæр "крузертæй" дыууæйæ
Уæрæсейаг боксер Валерий Брудов нымайы, Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тохы фаворит кæй нæй, æмæ ныхмæлæуджы æхсæн Мурæт ма хъуамæ хъуыды кæна йæ хуыздæрдзинадыл.
"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы тохы шанстæ сты 50/50. Мураты нæ нымайын фаворитыл. Ныфс мæ ис, Муратæн йæхимæ дæй кæй нæй ахæм хъуыдытæ. Фæлæ банысан кæнын хъæуы уый æмæ Мурæт кæй тох кæндзæн хæдзары, æмæ йын уыдзæн тынг бирæ фарсхæцджытæ. Боксерон миниуджытæм гæсгæ мыл Дортикос дæр тынг ирд тæлмæнтæ ныууагъта. Уымæ гæсгæ, хуыздæр боксеры рабæрæг кæндзæн ринг. Рингыл фембæлдзысты тыхджындæр "крузертæй" дыууæйæ", — загъта Брудов РИА Новостийæн.
Октябры Гасситы Мурӕт нокауты арвыста польшӕйаг Кшиштоф Влодарчикы ӕмӕ рахызт турниры ӕрдӕгфиналмӕ. Йæ радон ныхмæлæууæг ссис кубæйаг Юниер Дортикос.