Казахстаны трассæйыл 50 адæймагæй фылдæр басыгъдысты автобусы

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмардуæвджытæ иууылдæр сты Узбекистаны æмбæстæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв— Sputnik. Казахстаны 52 адæймаджы фæмард сты бæлццæттæласæн автобусы зынгсирвæзты рæстæджы, хъусын кæны РИА Новости рсепубликæйы уæлвæткон уавæрты фæдыл комитеты информацийыл æнцойгæнгæйæ.

"Цы фондз пассажирæн бантыст фервæзын, уыдонæн кæнынц медицинон æххуыс", — дзырдæуы хъусинаджы.

Инцидент æрцыд 10:30 (07:30 мск) сахатыл Самара — Шымкент трассæйыл Актюбинскы областы Иргизаг районы. "Икарус" маркæ автобусы, кæцы цыд Узбекистанæй Уæрæсемæ, уыд 55 пассажиры æмæ дыууæ шофыры.

Актюбинскы областы уæлвæткон уавæрты департаменты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмардуæвджытæ иууылдæр сты Узбекистаны æмбæстæгтæ.

Ӕнамонд цауы бынаты кусынц полици, ирвæзынгæнджытæ æмæ медиктæ.