Фыд Иаков Ныгуыларгъуыд, Сыгъдæг дон æмæ дзуарæфтыд ныййарджыты тыххæй

18-19 январты Хуссар Ирыстон, куыд ӕппӕт чырыстон дуне, нысан кӕны Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинад æмæ Ныгуыларгъуыды бӕрӕгбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Алайнаг епархийы динамонджытæ цæттæ кæнынц рæстдинонты стырдæр бонтæй иумæ — Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады æмæ Ныгуыларгъуыды бӕрӕгбонмæ. Цыппæрæмы райсомæй Алайнаг епархийы кафедралон аргъуаны райдыдтой паддзахы сахатты скуывдтæ, фæссихор ам ацæудзæн фыццаг доныларгъуыдтæ æмæ уый фæстæ адæмæн фадат уыдзæн рахæссын сыгъдæг дон, радзырдта Sputnik епархийы динамонæг Фыд Иаков (Хетæгкаты).

Крещение в Цхинвале

Литургитӕ Цхинвалы сӕйраг аргъуаны адарддӕр уыдзысты майрæмбонмæ. Цыппæрæм чырыстонтæн у карз мархо дарæн бон.

Сыгъдæг дон

Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады æмæ Ныгуыларгъуыды бӕрӕгбоны — 19 январы æппæт дæттæ дæр вæййынц сыгъдæг. Рагон æгъдаумæ гæсгæ, чырыстонтæ ацы донæй райсынц æмæ дзы фæпайда кæнынц азы дæргъы. Доныл фыццаг аргъуыд ацæудзæн цыппæрæмы фæссихорты, Леуахийы та майрæмбоны райсом.

"Диссаджы æууæлтæ ис ацы донæн, уый азы дæргъы æндæр донау æвзæр нæ кæны. Дарын æй хъæуы хæдзары уазнывты цур, науæд та сыгъдæг æфснайд бынаты. Хатын, сыгъдæг дон хæссынмæ чи цæуы, уыдон семæ рахæссой авгын мигæнæн, науæд та ног пластмасс бæрцуæттæ", — банысан кодта Фыд Иаков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бон æппæт суадæттæ дæр вæййынц сыгъдæг, фæлæ бæрæгбонæн стырдæр цыт радтыны нысанæн динамонджытæ аргъуыд радтынц Леуахийы донæн. Уым ацæудзæн Ныгуыларгъуыд дæр.

Ныгуыларгъуыд

Ныгуыларгъуыд Хуссар Иры Леуахийы сыгъдæг дæтты ацы аз райсдзысты 50 адæймаджы бæрц. Сæ нымæц азæй-аз кæны къаддæр, уымæн æмæ адæмæн сæ фылдæр райстой аргъуыд. Фыд Иаков куыд радзырдта, афтæмæй республикæ рацыд дыууæ этапы дзуарæфтыд райсыны хъуыддаджы. Иууыл фылдæр адæм аргъуыд истой ивгъуыд æнусты 90-æм æзты — Хуссар Ирыл уæззау рæстæджытæ куы скодта уæд, æмæ 2000-æм æзты, уæд Алайнаг епархи фидарæй йæ къахыл слæууыд.

Крещение в Цхинвале

"Ивгъуыд æнусы 90-æм æзты æз нырма нæ аргъуыдтон æмæ уæды уавæры тыххæй мæ бон зæгъын фидарæй ницы у, фæлæ 2000 æзты Алайнаг епархи йæ къахыл слæууыд æмæ тынг бирæ адæм цыдысты дзуарæфтыд исынмæ. Къуыри-иу 70 адæймаг дæр уыд, канд бынæттонтæ нæ, фæлæ ма фæсарæнты цæрæг адæмы дæр аргъуыдтам. Ам цы къæйттæ баиу сты, уыдон ныр æрцæуынц сæ зæнæгæн дзуарæфтыд раттынмæ", — радзырдта фыд Иаков.

Ныгуыларгъыды бон динамонджытæ фылдæр бæрцæй фæаргъауынц сывæллæттыл, бафтыдта динамонæг.

Дзуарæфтыд ныййарæг

Фыд Иаков нымайы, дзуарæфтыд райсынæн ныййарæг æнæмæнгхъæуæг кæй нæу, фæлæ, нывыл аразгæйæ, чызгæн хъæуы дзуарæфтыд мад, лæппуйæн та — дзуарæфтыд фыд.

Крещение в Цхинвале

"Дзуарæфтыд ныййарæг-иу æвзæрстой раг заманты уæззау рæстæджыты, цæмæй сабийæн йæхи ныййарджытæ фыдбылызы куы бахауой, уæд сывæллон æнæхъусдард ма баззайа. Абон дæр Хуыцауы раз дзуарæфтыд ныййарæг йæхимæ исы стыр бæрн", — дзуры динамонæг.

Уый ма банысан кодта, хуыздæр кæй у сабитæн дзуарæфтыд радтын, 3 мæй йыл цалынмæ сæххæст уа, уæдмæ, иууыл хорз та йæ райгуырды 8-æм бон.