Транскам сӕхгӕдтой уӕзласӕн транспортӕн

Фӕндагон змӕлдыл арӕнӕвӕрды уынаффӕ рахастӕуыд тыхджын митуарды фӕдыл Хуссар Ирыстоны ӕрдыгӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль та ногӕй сӕхгӕдтой уӕзласӕн транспортӕн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

"Уӕзласӕн транспортӕн фӕндагон змӕлд ӕрӕхгӕдтой 18 январы 15.00 сахатӕй фӕстӕмӕ сӕрмагонд бардзырды онг, фӕндагыл Хуссар Ирыстоны ӕрдыгӕй мит кӕй уары, уый аххосагӕн", — радзырдтой уагдоны.

Цӕгатирыстойнаг УУМ-ы пресс-службӕ дӕр бафидар кодта фӕндаджы фадыгыл зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас, уымӕн ӕмӕ хӕхтыл ис тыхджын митуард. Уӕлвӕткон министрад хаты шофыртӕм хи бахизын фӕндагон бӕллӕхтӕй, цалынмӕ боныгъӕд нӕ фӕхуыздӕр уа, уӕдмӕ.