Медойты Дмитрий æмæ Григорий Карасин æрдзырдтой æддагполитикон координаци сфидар кæныныл

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ФХМ-ы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Медойты Дмитрий фембæлд Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Григорий Карасинимæ. Къуырисæры Мæскуыйы цы фембæлд ацыд, уым фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстадыл, хъусын кæны уæрæсейаг æддагполитикон ведомствæ.

"Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыд дыууæварсон æмгуыстадыл, æддагполитикон координаци фæфидар кæныны фадæттыл, уавæрыл Кавказы", — дзырдæуы УФ ФХМ-ы сайтыл ныммыхуыргонд хъусынгæнинаджы.

2008 азы августы кæрон Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уæдæй фæстæмæ бæстæтæ бафыстой сæдæмæ æввахс сразыдзинады, уый нымæцы дыууæ егъау бадзырды – хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл, афтæ ма æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл. Фæстаг документмæ гæсгæ, фарсытæ хъуамæ уадзой æрæмдзыхгонд æддагон политикæ.