ЦХИНВАЛ, 22 янв— Sputnik, Гæбæраты Ян. Ленингоры районы администраци æмæ бынæттон журналистты æмгуыстадæй мыхуыры фыццаг хатт рацыд Ленингоры районон газет. Уый тыххæй Sputnik уацхæссæгæн фехъусын кодта Ленингоры районы сæргълæууæг Хацырты Филипп.
Газет цæуы мæй иу хатт æмæ хъусын кæны Ленингоры районы царды, къухдариуæггæнæг органты куысты хабæрттæ, афтæ ма мыхуыр кæны культурон-рухстауæн æрмæджытæ.
"Фыццаг тираж уыд æрмæстдæр 500 экземпляры, фæлæ йæ нывæндæм фæфылдæр кæнын. Газет цæуы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, æрмæджытæ иууылдæр цæттæ кæнынц бынæттон журналисттæ", — радзырдта Хацырты Филипп.
Газет мыхуыр кæнынц цхинвайлаг типографийы. Парахат æй кæнынц æнæаргъ бындурыл постон хызæджы уылты.