Гергиты Валерий ссис Путины æууæнчы адæймаг

Ирон дирижер бахауд УФ-йы сæргълæууæджы æууæнчы адæймæгты номхыгъдмæ, кæцы æрцыд регистрацигонд ЦӔК-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 янв— Sputnik. Центрæвзæрсткъам срегистраци кодта президенттæм кандидат Владимир Путины æууæнчы адæймæгты дыккаг къорд, кæцыты æхсæн ис маэстро Гергиты Валерий дæр, хъусын кæны газет "Слово".

Гергиты Валерий бахаудта преми "Грэмми"-йы претендентты нымæцмæ

Ӕдæппæт номхыгъды ис 413 æууæнчы адæймаджы, законмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ ма уой 600-йæ фылдæр. Бæрæг нæу, дарддæр дæр ЦӔК регистраци кæндзæн æууæнчы адæмы æви нæ. Раздæр, æвзарæн штабы æмсæрдар Александр Румянцев банысан кодта, Путины æууæнчы адæмы номхыгъд кæй æххæст кæндзæн суанг 16 марты онг кандидатæн йæхи фæндонмæ гæсгæ.

Уымæй раздæр Путины æууæнчы адæймаг Цæгат Ирыстоны ссис Регионалон æхсæнадон организаци "Цæгат Ирыстоны сылгоймæгты цæдисы" сæргълæууæг, республикон парламенты экс-спикер Хæбыцты Лариса.