Рæмонаты Сослан рауадздзæн хъæбысхæсты сæйраг турниртæй иу

Ирыстойнаг богалы нæ бакодтой Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ Гран-при "Иван Ярыгин"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik. Олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан нæ исдзæн хайад уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир Гран-при "Иван Ярыгин-2018"-ы, хъусын кæны Ossetia News.

Цæгат Ирыстоны спорты министрады бафидар кодтой, ирон спортсмен кæй нæ ацæудзæн Ярыгины турнирмæ. Рæмонаты Сослан сарæзта комментарий сæвзæргæ уавæрæн, æнæнхъæлæджы йын кæй уыд ацы скъуыддзаг, уый банысан кæнгæйæ.

Рæмонаты Сослан фæуæлахиз ис Индийы Лигайы

"Мæхæдæг дæр ын нæ зонын йæ аххосаг. Райдианы уал уыдтæн номхыгъдты. Уый фæстæ атахтæн турнирмæ Индимæ, цы ран федтон ног номхыгъд, уым мæ ном нал уыд. Фæлæ уæд уыдтæн Индийы. Ӕвиппайды фæстæмæ раздæхын, дыууæ боны фæстæдæр та Красноярскмæ – уыд даргъ хъуыддаг. Ныфс мæ уыд æмæ уый рæдыд у", — радзырдта богал.

Уый банысан кодта, кæй йæ нæ бауагътой, уый аххосаг ын æмбæрстгонд кæй нæу, уымæн æмæ олимпиаг чемпионтæ æмæ призерты иууылдæр бауагътой турнирмæ.

Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренеры ныхæстæм гæсгæ, ног регламентмæ гæсгæ 70 кг уæзы стох кæныны тыххæй хъæуы рацæуын æвзæрст.

"Нæ зонын, цы регламент у. Фæлæ факт баззад фактæй – мæн нæ бауагътой Ярыгины номыл турнирмæ. Загътой мын рацæуын æвзæрст, науæд мæ нæ бауадздзысты", — балхынцъ кодта Сослан.

Спортсмен бафтыдта, æвзæрстон турнирмæ кæй фæстиат кодта, уымæ гæсгæ йын нæ уыд балцæджы тыххæй стох кæныны фадат. Ныр Сослан йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.