Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг ацыд отставкæйы

Хуссар Ирыстоны парламент январæй рахызт профессионалон бындурмæ, уый фæдыл депутаттæн нал ис фадат кусын æндæр бынæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг æмæ республикæйы парламеты депутат Плиты Агуындæ сæрибаргонд æрцыд йæ бынатæй, закондæдтæн орган куысты профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уый тыххæй, фехъусын кодта Sputnik ведомствæйы сæргълæууæг Тотчиты Георгий.

Хуссар Ирыстоны депутаттæн нал уыдзæн бар кусын æндæр бынæтты

Уынаффæ райст æрцыд æртыццæджы, 24 январы, премьер-министр Пухаты Эрикы сæргълæудæй цы æмбырд уагъд æрцыд, уый рæстæджы.

Уымæй дарддæр ма, профессионалон парламентмæ куыстмæ рахызт Плиты Александр, кæцы суæгъд кодта республикон рынчындоны анестезиологи æмæ реанимацийы хайады гæсы бынат, загъта Тотчиты Георгий.

Профессионалон парламенты фæдыл конституцион закон президент бафыста 2017 азы кæрон, 1 январæй депутаттæ рахызтысты куысты профессионалон бындурмæ.