Хуссар Ирыстоны ссардтой æвзонг нæлгоймаджы мард буар

Мард нæлгоймаг разынд Цхинвалы 33-аздзыд цæрæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æвзарынц Цхинвалы цæрæджы лæгмард, фехъусын кодтой генералон прокуратурæйы пресс-службæйы.

33-аздзыд Къодоты Вадимы мард буар ссардтой хуыцаубоны Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы цур.

"28 январы 23:00 сахатмæ æввахс Хуыцъе-Мугуты фæндагыл "Шевроле Нива" маркæ автомашинæйы салоны ссардæуыд горæт Цхинвалы, 1985 азы гуырд Къодоты Вадим Валикъойы фырты мард, йæ сæр уыд хæцæнгарзæй æхст", — радзырдтой генералон прокуратурæйы.

Дзауы районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг, уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ æрцæугæ цауы уавæртæ сбæлвырд кæныны фæдыл, афтæ ма ацы уæззау фыдракæнд чи сарæзта, уыдон раргом кæныныл.

Генералон прокуратурæйы бафтыдтой, слестгæнæн органтæ кæй снысан кæндзысты цалдæр экспертизæйы.