Фæдæвзард сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны цæрæджы амарыны мотив

Цхинвалы цæрæджы мард буар ссардæуыд 28 январы изæрæй, фыдракæнд саразыны фæдыл ахст æрцыд Дзауы районы цæрæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ сбæлвырд кодтой Цхинвалы цæрæджы амарыны мотив, фæлæ йæ фæдагуырды интересты нырма нæ хъусын кæнынц, загътой МХМ-ы пресс-службæйы.

Генпрокуратурæйы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы амарыны тыххæй

33-аздзыд Къодоты Вадимы ссардтой мардæй йæ сæр хæцæнгарзæй æхстимæ Дзауы районы хуыцаубоны. Уайтагъддæр ахст æрцыд Дзауы районы Мугуты хъæуы цæрæг Гаглойты Владислав Теймуры фырт.

Лæгмарды æмæ хæцæнгарзы æнæзаконон зилдухы статьятæм гæсгæ бакæнгæ уголовон хъуыддагыл кусы районон прокуратурæ.

"Йæхи автомашинæйы салоны ссардæуыд Къодоты Вадимы мард буар, ссардтой ма афтæ Калашниковы автомат. Цауы бынатæй 1,5 км дæрддзæф ссардæуыд фыдракæнды бирæнымæц фæдтæ æмæ 7,62 мм калибры æхст нæмыг ", — радзырдтой ведомствæйы.

Ведомствæйы минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй Гаглойты Владислав басаст лæгмардыл, фæлæ барадхъахъхъæнæг органтæ нырма нæ хъусын кæнынц, цы йын саразын кодта ахæм уæззау фыдракæнд, уый.