Плиты Иссæйы цырт сæвæрдзысты Мæскуыйы

Цырт лæудзæн хъахъхъæнджыты диорамæйы цур "Поклонная гора"-йыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik. Мæскуыйы ацыд Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы фонды президент Дзанайты Зауыр æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Централон музейы директор Александр Школьникы фембæлд, хъусын кæны 15 регион.

РХИ æфсæддонтæ хайад райстой Плиты Иссæйæн цырт бакæныны церемонийы Монголийы

Иумæйаг скъуыддзагæй, Уæлахизы боны агъоммæ, бæстæйы Кады залы уагъд æрцæудзæн Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монгойлаг адæмон республикæйы хъайтар, æфсады инæлар Плиты Иссæйы цырт адæттыны цытджын церемони. Цырт лæудзæн Мæскуыйы хъахъхъæнджыты диорамæйы цур.

Плиты Иссæ суыдзæн, дуне фашизмæй чи ссæрибар кодта, ирон зæххы уыцы 79 хъаруджын минæвæрттæй фыццаг чи бацæудзæн Уæрæсейы Хъайтарты Аллеймæ, уый. Республикæйы национ музей æмæ архивон службæ баххуыс кæндзысты номдзыд æфсадфæтæджы цардвæндагыл дзурæг экспозицийы сæвæрдæн.

Мадзалы райсдзысты хайад Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны делегацитæ, РЦИ-Аланийы минæварад, РХИ-ы минæварад, УФ-йы хъахъхъæнынады министрад, Цæгат-Кавказаг æфсæддон зылды къухдариуæгад, Цæгат-Кавказаг сувороваг ахуыргæнæндоны курсанттæ, Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы ирон диаспорæ.