ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цæрæг, кæцы рамбылдта билет Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохмæ, радта йæ билет йæ хъæбулы хъæбулæн.
Хъæцмæзты Руслан, кæцы рамбылдта билет радио "Ир"-ы конкурсы, загъта Sputnik, тохмæ йæ бæсты кæй ацæудзæн йæ хъæбулы хъæбул – уый дæр хуыйны Хъæцмæзты Руслан.
Ӕрыгон лæппуйæн нæ уыд фадат рæстæгыл тохмæ бахауын, уымæ гæсгæ йын йæ балцы баххуыс кодта парламенты спикер Гасситы Петр.
Радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан бамбарын кодта, уæлахиздзау раст кæй хъуамæ загътаит Гасситы Мурæты бæрзæнд. Фыццаг чи радта раст дзуапп – 192 см – уыд Хъæцмæзты Руслан.