Дзæуджыхъæумæ "фæуазæг" уыдзысты Нарты хъайтартæ

Эпосы хъайтарты æфсæн фæлгонцтæ фæзындзысты Дзæуджыхъæуы "Нæртон" парчы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Нарты кадджыты фараст хъайтары скульптурæтæ фæзындзыты Дзæуджыхъæуы, парк "Нæртон"-ы, хъусын кæны "iryston.tv".

Нарты Сырдон фæзынд Цхинвалы хиды бын

Ныридæгæн уал авд æфсæн хъайтары сты цæттæ, аннæ дыууæйыл дæр архайы скульптор Ходты Николай.

"Скульптурæты автор сæтты, ацы проекты сæххæстмæ кæй бæллыд йе ʻвзонгæй фæстæмæ, фæлæ сыл кусы фæстаг цалдæр азы. Парчы мидæг æдæппæт уыдзæн 17 композицийы, фыццаг 8 æвæрд æрцыдысты цыппар азы размæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æппæт скульптурæтæ дæр конд уыдзысты æфсæн æмæ бетонæй. Алкæцыйы уæз дæр сæ æртæ тонны бæрц.