Къæбысты Георгийы ахæст: ног æмгъуыд

Тæрхондоны бæстыхайы раз къуырисæры Къæбысты Георгийы фарсхæцджытæ æмæ хиуæттæ сарæзтой нæразыдзинады акци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы горæты тæрхондон адарддæр кодта Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæрдар Къæбысты Георгийы ахæст ноджы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ, фехъусын кодта Sputnik йæ адвокат Елбакидзе Ирина.

Тæрхондоны бæстыхайы раз къуырисæры Къæбысты Георгийы фарсхæцджытæ æмæ хиуæттæ сарæзтой нæразыдзинады акци, æрæмбырдуæвджытæ семæ ʻрбахастой плакаттæ экс-министры ссæрибар кæныны домæнтимæ уæлфыстытимæ.

Къæбысты Георгийы фарсхæцджытæ

"Къæбысты Георгийы ахæст Цхинвалы тæрхондон адарддæр кодта ноджы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ фæдысгарæджы домæнмæ гæсгæ. Ахæст адарддæр кæнын цы бындурыл домдтой, ууыл разы нæ уыдысты Къæбысты Георгийы хъахъхъæнджытæ æмæ æрхастам æмбæлон æвдисæйнæгтæ, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, тæрхондон адарддæр кодта æмгъуыд ноджы дыууæ мæймæ", — загъта адвокат.

Уый ма банысан кодта, кæй фæнд кæнынц хъаст ахæссын Уæлдæр тæрхондонмæ.

Хуссар Иры генпрокурор радзырдта, цæй мидæг аххосджын кæнынц Къæбысты Георгийы

Къæбысты Георгийы ныхмæ прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьямæ гæсгæ. 7 ноябры 2017 азы Къæбысты Георгий урæд æрцыд 48 сахатмæ, фæлæ фæстæдæр Цхинвалы горæттаг тæрхондон рахаста уынаффæ уымæн йæ ахæст ноджы иу мæй адарддæр кæныны фæдыл. Ивгъуыд аз декабры бастдзинады комитеты раздæры сæрдары ахæст адарддæр кодтой ноджы дыууæ мæйы, ацы æмгъуыд фæуд кодта 7 февралы.

Къæбысты Георгий 2008 азы нысан æрцыд бастдзинад æмæ информацийы министрæй. 2011 азы архайдта президентон æвзæрстыты. Хорзæхджын у Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх — орден "Уацамонгæ"-йæ