Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта æнудæс хорзæхы дзюдойæ

Назраны цы турнир ацыд, уырдæм æрæмбырд 200 хайадисæгæй фылдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта 19 хорзæхы дзюдойæ ЦКФЗ-ы фыццагады 23 азы кары онг спортсменты æхсæн Назраны, хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ. Ӕдæппæт турнир æрæмбырд кодта 205 хайадисæджы.

Ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Егизар Карапетян (60кг), Къокъайты Кристина (48кг), Цырыхаты Дана (57кг), Гæджиты Алина (63кг), Харебаты Ревекка (70кг) æмæ Тасойты Айза (78кг).

Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Армен Тадевосян (66кг), Блайты Арсен (100кг), Челдыты Светлана (48кг), Гагкайты Светлана (52кг), Дзугутты Ирэна (57кг), Хъамболты Нарияна (70кг).

Бронзæ майдантæ рамбылдтой Федор Целиди (100кг), Дзанайты Сослан (+100кг), Коцойты Яна (48кг), Голоты Марина (57кг), Хохойты Зарина (57кг), Сланты Аида (63кг) æмæ Калоты Милана (78кг).