Путин Бибылты Анатолиймæ арфæйы телы: цæттæ дæн диалог адарддæр кæнынмæ

Уæрæсейы бæрзонд аргъ кæнынц Хуссар Ирыстоны президенты архæйдтытæн дыууæ бæстæты æхсæн æмцæдисон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл, банысан кодта Владимир Путин
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны РХИ сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хуссар Иры президент йæ райгуырæн бон нысан кæны бинонты хсæн

"Уæрæсейы бæрзонд аргъ кæнынц Хуссар Ирыстоны президенты архæйдтытæн дыууæ бæстæты æхсæн æмцæдисон ахастытæ æмæ интеграцион æмархайд сфидар кæныны фæдыл. Ӕрымысын нæ фембæлд Мæскуыйы фарон ноябры. Фæнды мæ бафидар кæнын нæ диалог æмæ æнтыстджын иумæйаг куыст адарддæр кæныны фæдыл цæттæдзинад", — дзырдæуы арфæйы телы.

Уæрæсейы лидеры цæст бауарзта йæ хуссарирыстойнаг коллегæйæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ.

Бибылты Анатолийæн ма раарфæ кодтой æндæр уæрæсейаг политиктæ дæр, уыдон нымæцы Федерацийы Советы уæнг Валентина Матвиенко.