Тасойты Игорь хайад райсдзæн æхсæнадæмон фестиваль "Гуляй и пой душа"-йы

Ирон шансонье бавдисдзæн дыууæ зарæг - "Метель" æмæ "Осетиночка"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Классикон шансоны зарæггæнæг Игорь Тасо (Тасойты) эстарадон зарæджы VIII æхсæнадæмон фестиваль "Гуляй и пой душа"-йы бавдисдзæн дыууæ зарæджы — "Метель" æмæ "Осетиночка", фехъусын кодта Sputnik йæхæдæг шансонье.

Тасойты Игорь: Хуссар Иры ис иууыл зӕрдӕхӕлардӕр публикӕ

Егъау музыкалон мадзал ацæудзæн Мæскуыйаг областы, архайдзысты дзы зарæггæнджытæ Уæрæсе, Герман, АИШ, Израиль æмæ æндæр бæстæтæй.

"Фестивальмæ мæ фæхуыдтой организатортæ. Хæссын дыууæ зарæджы. Сабаты ацæудзæн галаконцерт, уый агъоммæ та уыдзæн конкурсон программæ", – загъта зарæггæнæг.

Игорь Тасо у цалдæр æхсæнадæмон конкурсы лауреат. Зарæг "Метель"-æй 2016 азы раста Юрмалайы Гран-при.