Цхинвалы бавнæлдтой 75-фатерон хæдзары арæзтадмæ

Фидæны бæстыхайы бынаты ныридæгæн цæуынц сыгъдæггæнæн куыстытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Цхинвалы бавнæлдтой бирæфатерон хæдзары арæзтадмæ. Ног бирæуæладзыгон хæдзар сырæздзæн Цхинвалы хуссар-скæсæн хайы, раздæры Профессионалон техникон ахуыргæнæндоны территорийыл, фехъусын кодта Sputnikгорæты мэры фыццаг хæдивæг Пухаты Дмитрий.

Гӕбӕраты Инал: Знауыры сараздзысты 18-фатерон хӕдзар

Цхинвалы администрацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фатертæм радты лæууынц 1816 бинонтæ.

"Цхинвалы, афтæ хуыйнæг район "Царз"-ы территорийыл аразджытæ архайынц бирæуæладзыгон хæдзары бынат расыгъдæг кæныныл. Арæзтады министрады нывæзты ацы бæстыхайы арæзтад нысан у 2018 азы райдайæнæй 2019 азы кæронмæ. Ам арæзт æрцæудзæн 75-фатерон хæдзар", — банысан кодта Пухаты Дмитрий.

Бирæуæладзыгон хæдзар амад цæуы Арæзтады министрады заказмæ гæсгæ Инвестицион нывæзты фæлгæтты.