Бибылты Анатолий: инвестпрограммæйы фæстиуджытæй гæнæн ис раппæлын

Хуссар Ирыстонмæ æрцыд делегаци Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады æмæ УФ президенты администрацийы минæвæрттæй. Уазджытæ бабæрæг кодтой арæзтадон объекттæ æмæ фембæлдысты президент Бибылты Анатолиимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хицæутты æнгом æмархайд радта фадат фароны инвестпрограммæ 90% бæрц сæххæст кæнын æмæ ацы фæстиуæгæй хъæуы раппæлын, загъта президент Бибылты Анатолий уæрæсейаг хицауады минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы.

Ног Инвестпрограммæ: цы сараздзысты Хуссар Ирыстоны 2018-2019 æзты

Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Бибылты Анатолий цыппæрæмы йæхимæ райста Уæрæсейы делегацийы йæ сæрълæууæг Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Игорь Кошинимæ. Йемæ ма республикæмæ æрцыд Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПӔ) бæстæтимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин.

"Фæнды мæ банысан кæнын, ивгъуыд аз Инвестпрограммæ æххæст кæй æрцыд 90% бæрц æмæ уыцы фæстиуæгæй ис гæнæн раппæлын. Уый та нын бантыст Цæгат Кавказы министрады æнгом æмархайды фæрцы президенты администраци, нардуатон организацитимæ", — загъта фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг.

Уый равдыста ныфс, кæй фæхуыздæр уыдзысты куысты фæстиуджытæ, инвестицион проектты реализацийы цыд, бындурон документтæ æмæ проектон-сметæйон документтæ цæттæ кæнын, экспертизæ рацыд, афтæ ма нардуатон организацитæн кæй уыдзæн бæрнондæр ахаст сæ куыстмæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы аз алцыдæр ацæудзæн хорз техникон регламентмæ гæсгæ, объекттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты рæстæгыл", — загъта президент.

Кошины ныхæстæм гæсгæ, "арæзтадон къабазмæ цы хауы, уый алыхатт кæй нæ цæуы, мах куыд фæнды, афтæ" æмæ сæйраг хæслæвæрд у æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ саразын нардуатон организацитæн финанксæнынады, контроль æмæ проектон-сметæйон хъуыддаджы.

"Арæзт цæуы тынг хорз рынчындонон комплекс. Республикæйы къухдариуæгад æмæ нардуатон организацийы æрдыгæй йæм ис хъусдард. Иумæйаг тыхтæй мах сараздзыстæм æппæтдæр, цæмæй адæм банкъарой гъæдджын ивындзинæдтæ сæ царды", — загъта Кошин.

Встреча президента Южной Осетии с делегацией из России

Фембæлдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Бибылты Анатолий бахахх кодта, инвестпрограммæ реализацийы рæстæджы цы куыст цæуы, уымæн кæй ис æнгом æмархайд республикæйы алы хицауадон структурæимæ дæр æмæ ма йыл цы организацитæ кусынц, уыдонимæ.