Хуссар Иры парламент æрæхгæдта дыууæ депутаты æххæстбартæ

Парти "Иугонд Ирыстон"-ы та æнхъæлмæ кæсынц кадрон ивындзинæдтæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны æмгъуыдæй раздæр æрæхгæдта парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутатты æххæстбартæ.

Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг ацыд отставкæйы

1 январæй парламент рахызт куысты профессионалон бындурмæ, уыдонæн нал ис бар æмрæстæджы парламенты дæр æмæ æххæстгæнæн органты кусын.

Уый тыххæй цалдæр депутаты ныридæгæн ныууагътой сæ куыст парламенты. Фыццæгтæ парламентæй ацыдысты парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутаттæй дыууæйæ – ПТРК "Ир"-ы директор Чилæхсаты Георгий æмæ сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты разамонæг Бекъойты Геннадий.

Парти "Иугонд Ирыстон"-ы централон комитеты скъуыддзагмæ гæсгæ сæ мандаттæ лæвæрд æрцыдысты Касаты Таймураз æмæ Гæбæраты Геннадийæн.

Профессионалон парламенты фæдыл конституцион закон президент бафыста 2017 азы кæрон.